Скъоладзау ты æппæтуæрæсеон змæлды уæнгтæ аив кæнынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты цыртытæ
Акци «Чистый обелиск», ныр дыккаг аз цæуы Цæгат Ирыстоны. Мадзал сбастой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы бонимæ. Скъоладзаутæ аив кæнынц хæстонты ингæнтæ. Скъоладзауты къухты ахорæнтæ, кисточкæтæ æмæ æндæр хъæугæ дзауматæ. Арæхстгай бавнæлдтой Ног-Ирон уæлмæрды цыртытæ аив кæнынмæ. Сыгъдæг сæ кæнынц хусгæрдæгæй æмæ быронæй. Хъамболты Лаурæ проект «Чистый обелиск»-ы архайы фыццаг хатт. Скъоладзауты æппæтуæрæсеон змæлды активисттимæ аив кæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты ингæнтæ. Проекты разамонæг Акъоты Батрадз. Уæлмæрдтæ сыгъдæг кæны æстæм хатт. Йæ ныхæстæм гæсгæ æфсæддон-патриотон куыст кæнын абон у ахсджиаг хъуыддаг. Æрыгон фæлтæр истори хъуамæ хъуыды кæна æмæ йæ зыгъуыммæ здахын ма уадза. Проект «Чистый обелиск» арæзт цæуы дыккаг аз. Уæвгæ та æфснайынмæ скъоладзаутæ ныр рацыдысты æстæм хатт. Ног -Ирон уæлмæрдты нæ активисттæ иу бонмæ базылдысты 15 цыртмæ. Дыууæ азмæ саив кодтой Фыдыдбæстæйы Стыр хæсты архайджыты 50 ингæны. Хæстæгдæр рæстæг ма фæнд кæнынц банывыл кæнын 35 уæлмæрды. Уыцы куыстмæ сразæнгард кæндзысты 500 ахуырдзауы. Скъоладзауты æппæтуæрæсеон змæлды регионалон хайады разамонæг Мæргъиты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, фыццаг акциты фæстæ уæлмæрд æнцондæр сыгъдæг кæнæн у. «Чистый обелиск» проект сарæзтой Стыр Уæлахизы 75 азы кадæн. Ацы аз акци рамбылдта 200 мин сомы грант. Уыцы æхцатæй балхæндзысты хъæугæ инвентарь. Проект ахæсдзæн ноябры онг. Фидæны фæнд кæнынц, заууат уавæры чи ис, уыцы Госпиталон уæлмæрдтæ бадзæбæх кæнын. Бацархайыны фадат дзы ис алкæмæн дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv