Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис оперативон штабы уæнгтимæ бабæрæг кодта лигъдæттæ кæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Республикæйы дарддæр бæстонæй цæттæ кæнынц Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæй æнæбары сыстæг адæмыл сæмбæлынмæ. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй 10-æм мартъимæ республикæ хъуамæ уа цæттæ. Уый хынцгæйæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис оперативон штабы уæнгтимæ бабæрæг кодта лигдæттæ кæм æрбынат кæндзысты, уыцы пункттæ. Кусæг балцы хатдзæгты тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Кусæг балцы фыццаг пункт — санатори «Ирыстон». Ам ис дыууæ, æртæ æмæ цыппарбынатон агъуыстытæ. Ам хъуамæ æрбынат кæной 80 адæймаджы. Ныртæккæ иуварс кæнын фæстаг фиппаинæгтæ. Дзанайты Барис бабар кодта, бæстыхаймæ цы пырх фæндаг цæуы, уый снывыл кæнын. Дарддæр та федта санатори «Юность»-ы цæттæдзинад. Ам ис 120 бынаты. Хæрæндоны ныртæккæ цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Премьер фæнысан кодта, куыстытæ кæй хъæуы фæтагъд кæнын. Арæзтады министрадæн бабар кодта аразджыты уæлæмхасæн къордтæ снысан кæнын. Дарддæр Дзанайты Барис араст Тæмискъмæ. Сбæрæг кодта санаторийы дыууæ бæстыхайы уавæр — сывæллæтты æмæ хистæрты хайæдтæ. Ам республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бардзырдиæ гæсгæ цæуы электронтыхдæттæг системæйы рацарæзт. Уымæй уæлдай ивынц цартæ æмæ сантехникæ. Оперативон штабы уæнгтæм зынгсирвæзты ныхмæ системæмæ дæр разынд фиппаинæгтæ. Зæгъæн ис, æмæ сæ ныридæгæн аиуварс кодтой. Санаторий «Тæмискъ»-ы æрбынат кæндзысты 350 адæймагмæ ввахс. Уагдоны бындурыл сывæллæтты бон суыдзæн ахуыр кæнын дæр. Лигъдæттæ цы санаториты æрбынат кæной, уыдон иууылдæр уыдзысты медицинон уагдæтты дæлбар. Донецк æмæ Луганскы цæрджытæн æппæт хъæугæ фадæттæ бацæттæ кæндзысты. Лигъдæттæ республикæмæ хъуамæ æрхæццæ уой 10-æм мартъийы. Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, нæ хæс у, уæдмæ æппæт æууæлтæ дæр бацæттæ кæнын. Кусæг балцы рæстæг цы къуылмпыдзинæдтæ фæнысан кодтой, уыдон премьер бабар кодта цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæнын. Лигъдæтты рæстæгмæ цæрæнбынæтты уавæрмæ æппынæдзух йæ хъус дары сæрмагонд оперативон штаб. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv