Паддзахадон камерон хор «Алани»-йы концерт
Ирыстонӕн ном чи скодта, нӕ чысыл фыдыуӕзӕджы кой дӕрддыл кӕй руаджы айхъуыст, уыцы сфӕлдыстадон къордты 'хсӕн бӕрӕг дары камерон хор «Алани» дӕр. Йӕ разамонӕг Кокойты Агуындӕйы хъӕппӕрисӕй артисттӕ сӕ аив курдиатӕй дӕсгай азтӕ рухс кӕнынц адӕмы зӕрдӕтӕ. Ахӕм лӕвар уын кӕны нӕ телекомпани дӕр. Хонӕм уӕ, музыкӕйы хотыхтӕй ӕххӕстӕй чи пайда кӕны, уыцы къорды концертмӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Паддзахадон камерон хор «Алани»-йы концерт
Категория:
Новости и СМИ