КУСОВА ОС
Уæрæсейы уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг. 30 наукон куысты автор, немыцаг æвзаджы фæлтæрдджын ахуыргæнæг, Хъуысаты Раисæйыл сæххæст 90 азы. 68 азы дæргъы æвзаджы сусæгдзинæдтыл æвæллайгæйæ ахуыр кодта студентты. Йæ цардвæндаджы тыххæй радзырдта нæ уацхæссæгæн. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæйы профессор, Хъуысаты Раисæйыл кæд 90 азы цæуы, уæддæр æнцонтæй радзурдзæн, гермайнаг æвзæгтæ иннæтæй цæмæй хицæн кæнынц, уый. Йæ цард Раисæ снывонд кодта лингвистикæйы райрæзтæн. Базыдта нымыцаг æвзаг, стæй йыл иннæты ахуыр кæнын райдыдта. Æвзаджы сусæгдзинæдтæ æргом кæны студенттæн абоны онг. Канд æвзаг нæ, фæлæ Германийы тыххæй дæр зоны алцыдæр. Хъуысаты Раисæ немыцаг æвзаг ахуыр кæнын райдыдта 40-æм азты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Куыддæр æй каст фæци, афтæ райдыдта йæ профессионалон фæндаг. ЦИПУ-йы фæстæ Раисæ бацыд Мæскуыйы паддзахадон университеты аспирантурæмæ. Уырдыгæй фыццаг къордимæ практикæмæ ацыд Германимæ. Фæсарæйнаг бæстæйы йын фадат уыди кандидат суæвын, фæлæ йæ бафæндыд Советон Цæдисы уæлдæр наукон æмвæзадмæ схизын. Йæ къухы бафтыд 30 зонадон куысты ныффысын. 3 дзы сты -монографитæ. Хъуысаты Раисæ Германийы уыд 24 хатты. 91 азы йын радтой уым баззайыны бар. Фæлæ, раздæрау фæстæмæ сыздæхт йæ Фыдыбæстæмæ. Дзæуджыхъæуы университетмæ, йæ куыстмæ. Бирæ азты дæргъы фæллойы тыххæй ЦИПУ-йы ректор Раисæйы схорзæхджын кодта кады гæххæтæй. Арфæйы ныхæстæ йын ракодта юбилейы фæдыл. Раисæйы бæллиц ныртæккæ у - ногæй студенттимæ кусын. 90-азы юбилей Хъуысат Раисæ бæрæг кæны йæ бинонтæ, хæлæрттæ æмæ æмкусджыты 'хсæн. Фидарæй зæгъы, уый у æцæг амонд. Хуасдзауты Алинæ, Плиты Хетæг, Суанты Алан, Ирыстоны хабæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
КУСОВА ОС
Категория:
Новости и СМИ