3-æм февралы 84 азы сæххæст уыдаид Ирыстоны хореографион ирддæр минæвар Уарзиаты Хадзысмелыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

3-æм февралы 84 азы сæххæст уыдаид Ирыстоны хореографион аивады ирддæр минæвар Уарзиаты Хадзысмелыл. Абон ын йæ ном мысынц, йæ курдиатæн ын стыр аргъ чи кодта, уыцы адæм. Хадзысмел нымад у адæмон кафт рацаразæгыл. Уыимæ у Цæгат Ирыстоны фыццаг профессионалон балетмейстер. Йæ фæрцы «кафт æмæ зард»-ы ансамбль сси «адæмон кафт»-ы ансамбль. Зарæггæнджыты къорд фæкъаддæр кæнгæйæ йын бантыст кафджыты къордтæ æмæ музыкантты нымæц фæфылдæр кæнын. Театралон Аивады Паддзахадон Институты дыккаг курсы ахуыргæнгæйæ, цæттæ кодта ансамбль «Алан»-ы репертуар. Уæдæ æнæзонгæ нæу, «Алан» дæр æй уый хъæппæрисæй кæй схуыдтой. Уарзиаты Хадзысмелы разамындæй 1988-æм азы «Алан» хорзæхджынгонд æрцыд Адæмыхæттыты хæлардзинады Орденæй. Уæвгæ, Хадзысмел ГИТИС-ы ахуыргæнгæйæ бирæ ивддзинæдтæ бахаста кафты аивадмæ. Сарæзта ног, оригиналон композицитæ, фæстæдæр Ирыстоны кафджыты æндæр къордты репертуарты чи фæзынд, ахæмтæ. Уыцы æмæ æндæр ахæм хæрзтæ хынцгæйæ, специалисттæ Хадзысмелы банымадтой ирон адæмон кафты, хореографийы, стæй балеты аивады бындурæвæрæгыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv