Мамысоны хæххон курорт куы байгом уа, уæд егъау авналæнтæ фæзындзæн Цæгат Ирыстоны альпинизмы райрæз
Мамысоны хæххон курорт куы байгом уа, уæд егъау авналæнтæ фæзындзæн Цæгат Ирыстоны альпинизмы райрæзтæн дæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы альпинизмы федерацийы. Йæ разамонæг Хæмыцаты Хъазыбег раныхасмæ гæсгæ, Мамысоны ис, бирæ рæтты кæуыл нæ сæмбæлдзынæ, ахæм æрдзон уавæртæ. Уыдоны фæрцы курортæн йæ бон у афæдзы дæргъы кусын. Цъититы цур æмæ егъау бæрзæндыл кæй æрбынат кодта, уый фæрцы къахдзоныгътыл бырыны æмгъуыд дæргъвæтиндæр уыдзæн. Афтæмæй ма рæзынц куыд зымæгон, афтæ сæрдыгон рæстæджы фæлладуадзæн хуызтæ. Зæгъæм, альпинизм, пАрапланерИзм æмæ рафтинг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мамысоны хæххон курорт куы байгом уа, уæд егъау авналæнтæ фæзындзæн Цæгат Ирыстоны альпинизмы райрæз
Категория:
Новости и СМИ