Медицинон кусджытæн бар радтой хъæуы хостæ уæй кæнынæн
Медицинон кусджытæн бар радтой хъæуы хостæ уæй кæнынæн. Уый тыххæй закъонæвæрдмæ хаст сæрмагонд ивддзинæдтæ сæ тыхы бацыдысты афæдзы райдиан. Медицинон кусджытæн, амбулаториты æмæ фелсырон-акушерон пунктты афтектæ кæм нæ уа, уым сæ бон уыдзæн льготæйы хуызы хостæ раттын æмæ препараттæ уæй кæнын. Раздæр ахæм бар æрмæст уыд фармацевттæм. Бафиппайын ма хъæуы уый, æмæ ахæм хуызы афтектæ кæм нæй, уыцы хъæуты цæрджытæ хостæй цух нал æййафдзысты. Уымæй уæлдай ма, ахæм медицинон организацитæн фармацевтон лицензи райсæн уыдзæн æнцондæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv