Цæгат Ирыстоны ноджы 2 адæймаджы амард коронавирусы аххосæй
Цæгат Ирыстоны ноджы 2 адæймаджы амард коронавирусы аххосæй. Æдæппæтæй covid-æй чи фæрынчын, уыдоны нымæц у 3 104. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 49 адæймаджы. 2 063 коронавирусæй сдзæбæх сты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Рынчынтӕн медицинон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнынц дохтыртӕ. Лӕмбынӕг цӕстдард цӕуы, рынчынтӕ хӕстӕг кӕимӕ ӕмбӕлыдысты ӕмӕ ныхас кӕимӕ кодтой, уыдонмӕ дӕр. Æдæппæтæй covid -ы аххосæй республикæйы фæмард 58 адæймаджы. Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц у 987 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та - 7 083 адæймаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны ноджы 2 адæймаджы амард коронавирусы аххосæй
Категория:
Новости и СМИ