Дур-Дуры скъола-интернаты ног ахуыры азы райдианмæ сараздзысты 10 æрмадзы
Хъæдæрмæгимæ кусын, дзаумæттæ хуыйын, зæххы куыст кæнын, суанг ма кинонывтæ исын. Дур-дуры скъола-интернаты уыдæттыл ахуыр кæндзысты сывæллæтты ног ахуыры азы райдианæй. Алы дæсныйадæн дæр - йæхи æрмадз. Ахæм гæнæнтæ фæзындзæн национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты. Æдæппæтæй ахуыргæнæндонæн рахай кодтой 7 милуаны æмæ 3 сæдæ мин сомы. Сывæллæттæ алыхуызон дæсныйæдты сæхи куыд фæлварынц æмæ цы ногдзинæдтæм æнхъæлмæ кæсынц, уый тыххæй радзырдтой нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæйæн. Годжыцаты Мурат ахуыр кæны 5-æм къласы. Уарзы зæххы куыст кæнын. Æрвылбон йæ фæндаг ракæны хъæрмуатыл. Скъолайы зæххы хайыл æй куы сарæзтой, уæдæй нырмæ дзы у æрвылбоны уазæг. Ныр дæр та æрбацыд. Дзæгъæлы нæ - хъуыддаджы фæдыл. Хъæрмуаты ныссадзынц алы халсартæ. Иннæ хъомылгæнинæгтæ дæр дзы архайынц. Ам æрзайы нас, цæхæра, нуры. Ацы аз интернаты зæххы хайыл сараздзысты ног, стырдæр хъæрмуат, æппæт нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм. Уый национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты. Æмæ æрмæст хъæрмуат нæ. Æдæппæтæй ам сараздзысты 10 æрмадзы. Сæ иу, зæгъæм, хъæды куыст кæнынæн. Интернаты сывæллæтты ууыл ныр дæр ахуыр кæнынц, фæлæ æрмадзы æрæвæрдзысты ног, нырыккон кусæнгæрзтæ. Ацы агъуысты æрбынат кæндзæн къахдарæс кæныны æрмадз дæр. Йæ кондады гæрзты фæрцы дзы уыдзæни æрмæст цалцæг нæ, фæлæ ног дзабыртæ бахуыйæн дæр. Ныртæккæ ацы æрмадзмæ цæуы 18 лæппуйы. Иумæ куы 'рбамбырд вæййынц, уæд цымыдисаг дзауматæ сфæлдисынц. Национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты бæстыхайы сног кæндзысты хæринаггæнджыты æрмадз дæр. Ам фæзындзæн ног уазалгæнæн, пец. Æппæт ифтонггæрзтæ чъиритæ æмæ адджинæгтæ кæнынæн. Уæдæ афтæ хуыйджыты æрмадз дæр. Ныртæккæ йæм цы чызджытæ цæуынц, уыдон тагъд рæстæг æрбаддзысты ног мигæнæнты уæлхъус. Ног хуыйæн машинæтæ кæндзысты куыд хуыйгæ, афтæ бийгæ дæр. Скъола-интернаты разамонæг Хъойбайты Оксанæйы ныхæстæм гæсгæ, æппæт ацы гæнæнты фæрцы сывæллæттæ скъола каст фæуыны агъоммæ сæхицæн сбæлвырд кæндзысты фидæны дæсныйад. Интернаты хъомыогæнинæгтæн æппæтæн дæр се 'нæниздзинад у хъыгдæрд. Æмæ уымæ гæсгæ ахуыргæджытæ удуæлдайæ архайынц, цæмæй сæ исты куыстыл фæцалх кæной. Царды сын уæд æнцондæр уыдзæн, зæгъгæ. Уымæн æххуыс у национ программæтæ дæр. Сывæллæттæй бирæтæ цæуынц сфæлдыстадон æрмадзмæ дæр. Ныртæккæ архайынц хыссæимæ. Афтæ, Тедеты Миланæ æрæджы сарæзта хыссæйæ кукла. Къухæй архайыны дæсныйыад сын чи амоны, уыцы ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæттæ тынг фæцин кæнынц, сæхи конд дзауматæ сæ къухмæ куы райсынц, уæд. Уæдæ сæ нервон системæ дæр æрсабыр вæййы ацы агъуысты. Интернаты ис 60 хъомылгæнинаджы, уыдонæй 14 хъомыл кæнынц æнæ ныйарджытæй. Æппынæдзух вæййынц ам. Ахуыргæнæндоны размонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сывæллæттæ ног гæнæнтæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц. Хъомылгæнинæгтæ ма сæхи фæлвардзысты амайæджы дæсныйады. Фæзындзæн интернаты массажы агъуыст дæр. Уымæй уæлдай ма, нырыккон технологиты руаджы байгом уыдзысты робототехникæ, анимацион, къамтæ æмæ кинонывтæ исæн æрмадзтæ. Куыстытæ райдайдзысты сæрды. Æппæт æрмадзты специалисттæ дæр, сæ куыст райдайыны размæ, ацæудзысты дæсныйад уæлдæргæнæн ахуыртæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дур-Дуры скъола-интернаты ног ахуыры азы райдианмæ сараздзысты 10 æрмадзы
Категория:
Новости и СМИ