Горæтгæрон æмæ Æрæфы районы хъæуты хи хæдзæртты онг газ уадздзысты лæвар
Горæтгæрон æмæ Æрæфы районы хъæуты хи хæдзæртты онг газ уадздзысты лæвар æнæ бынæттон цæрджыты æххуысæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрадæй. Курдиæттæ бадæттæн уыдзæн, хъæуты 7-æм июлы цы мобилон пункттæ байгом уыдзысты, уырдæм. Хъæугæ информацийæ баххуыс кæнынмæ цæттæ сты «Газпром Межрегионгаз Владикавказ»-ы дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хъæуты газификаци кæронмæ ахæццæ кæнын бабар кодта Владимир Путин йæ пресс-конференцийы рæстæг. Æппæт фарстатæ раттæн ис, уæ экрантыл цы номыр уынут, уымæ бадзургæйæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv