РЦИ Аланийы æнæнхъæлæджы уавæрты разамынды хъусынгæнинагмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг республикæйы уард

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

Æмæ ма нæ кæронбæттæны хъусынгæнинаг. Цæгат Ирыстоны Æнæнхъæлæджы уавæрты регионалон хайад куыд фæхабар кодта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæджы нæ республикæйы арв æмæ зæхх кæндзысты кæрæдзийы хойыны куыст. Абон - уымæн æвдисæн. Тыхджын къæвдатæ рацыд Алагиры, Æрыдоны, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты. Ранæй-рæтты æруарыд их дæр, кодта тыхджын дымгæ. Ахæм боныхъæд ма ахæсдзæн цалдæр боны. Ирвæзынгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй арвы дуар гомæй аззайдзæн суанг 19-æм маймæ. Уымæ гæсгæ, гæнæн ис, æмæ республикæйы цæугæдæтты æваст фæбæрзонддæр уыдзæн доны æмвæзад. Тæссаг у, куы раивылой, уымæй. Знаггад йæ бон ракæнын у ихуард æмæ тыхджын дымгæйæн дæр. Хаттæй-хатт йæ иугай футтыты тагъдад хæццæ кæндзæн секундмæ 25 метры онг. Уымæ гæсгæ ма ирвæзынгæнджытæ иу хатт сидынц адæммæ, цæмæй цæттæ уой æнæнхъæлæджы уавæртæм. Тыхджын уарынтæ æмæ æндæр ахæм æрдзон фæзындтыты рæстæг уал хъæудзæн хæдзæртты банхъæлмæ кæсын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

РЦИ Аланийы æнæнхъæлæджы уавæрты разамынды хъусынгæнинагмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг республикæйы уард

Категория:

Новости и СМИ