Цæгат Ирыстоны хицауады æмбырды æрныхас кодтой регионы социалон æмæ экономикон рæзты фарстатыл
Дзæуджыхъæуы уыд хицауады æмбырд. Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло бабар кодта цæрæнуæтты арæзтады тыххæй сæрмагонд программæйы райрæзтыл бакусын. Уыимæ ма цыбыр рæстæгмæ снысан кæнын программæйы архайджыты нымæцмæ гæсгæ субсидиты бæрц. Хицауады æмбырды ахсджиагдæр фарстатæй иу — æнцонвадат цæрæн бынæттæ саразыны программæйы райрæзтыл бакусын. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй программæйы бацархайыны бон хъуамæ уа республикæйы цæрджытæй сæ фылдæрæн. Ахсджиагдæр та уыдзæн, аргъ 20% бæрц кæй фæкъаддæр уыдзæн, уый. Цæрджыты кæцыдæр хайæн та 25%. Регионы разамонæг ма бахæс кодта, цæмæй фатертæ лæвæрд цæуой цæрынæн цæттæ уавæрты, цæмæй сыл мауал хъæуа уæлдай хæрдзтæ кæнын. Сергей Меняйло бабар кодта, цыбыр рæстæгмæ программæйы архайджыты нымæцмæ гæсгæ снысан кæнын субсидиты бæрц. Ацы программæйы тыххæй ма иу амынддзинад - банчы минæвæрттимæ фембæлын. Æмбырды ипотекæйы сæрмагонд продуктыл æрдзурын. Ныхас цæуы фыццаг фиддон 10% снысан кæныныл. Фарстайы тыххæй фыццаг хъуыдытæ нысангонд хъуамæ æрцæуой къуырийы æмгъуыдмæ. Хицауады æмбырды ма æрдзырдтой зæххы хæйттæ уарыны фарстатыл. Мараторий сæвæрдтой Дзæуджыхъæумæ бахизæны зæххы хæйттыл. Сергей Меняйло ма бабар кодта, цæхæрадæтты æмхæларад «Хурзæрин»-ы алфамбылай бырутæ спълан кæнын. Уыимæ ма æмхæларады зæххытыл цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоны уавæр раиртасын. Æппæт хæслæвæрдтæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой а цалдæр боны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны хицауады æмбырды æрныхас кодтой регионы социалон æмæ экономикон рæзты фарстатыл
Категория:
Новости и СМИ