Козыртæ фæнд кæнынц сæ мыггаджы мæсыгмæ базилын
Мыггаджы фарн. Козыртæн бантыст сæ мыггаджы мæсыг паддзахадæй сæхи бæрнмæ раивын. Ныртæккæ сын фадат ис историон цыртдзæвæн бахъахъхъæнын, стæй ма йæм базилын дæр. Хъуыддаг куыд хуыздæр бакæнæн ис, уый сбæлвырд кæнынæн мыггаджы минæвæрттæ сарæзтой æмбырд. Цавæр уынаффæ рахастой, æмæ кæд райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд. Козырты мыггаджы мæсыг Хохы Санибайы лæууы 300 азæй фылдæр. Йæ уавæрыл фæбæрæг рæстæг дæр, æрдзон уавæртæ дæр. Ныртæккæ нымад у, федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм цыртдзæвæныл. Мыггаджы минæвæрттæ сфæнд кодтой сæ рагфыдæлты мæсыг сног кæнын. Фæлæ, хъуыддаг бынтон æнцон нæ разынд. Цæмæй мыггаджы бæрны бацæуа, уый тыххæй Козыртæ сарæзтой æхсæнадон организаци. Бардæттæг гæххæтытæ къухы бафтыдысты 7 азы фæстæ. 49 азы 'мгъуыдмæ мæсыг уыдзæни Козырты бæрны. Рацаразынмæ фæрæзтæ нæдæр федералон, нæдæр республикон бюджетæй райсæн ис. Уымæ гæсгæ, мыггаджы минæвæрттæ сфæнд кодтой æбмырд саразын. Иумæ æрныхас кæнын æмæ бауынаффæ кæнын, куыд хуыздæр уыдзæнис, уый. Иузæрдион сты иу хъуыддагыл: рагон къамтæм гæсгæ раздæр куыд уыдис, уымæй æндæрхуызон хъуамæ ма фæуа мæсыгæн йæ хуыз. Мыггаджы этнографион музейы ма фæнд кæнынц, хæсты цы хъæбатыртæ архайдта, уыдоны къамтæ дæр равæрын. Цæмæй кæстæр фæлтæртæ зоной сæ номдзыд рагфыдæлты. Козырты мыггагæй бирæтæ архайдтой уырыссаг-япойнаг æмæ туркаг хæстыты. Ныртæккæ мæсыгæн йæ бæрзæнд у 5 метры. Иу уый бæрц та ма йыл бафтауын хъæуы. Хæстæгдæр рæстæг Козырты мыггаг фæнд кæнынц мæсыгмæ зилын райдайын. Истори бахъахъхъæнынмæ мыггаджы мæсыджы рацарæзт уыдзæн стыр æвæрæн. Куыстытæм сæ цæст дардзысты профилон комитеты дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Козыртæ фæнд кæнынц сæ мыггаджы мæсыгмæ базилын
Категория:
Новости и СМИ