Æртæ мин фæндаггон уагхæлдæй фылдæр сбæрæг кодтой паддзахадон автоинспекцийы минæвæрттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

25 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

25 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

25 просмотров

4 года назад

Къуыримæ Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл æрцыд æртæ мин уагхæлдæй фылдæр. Уыдонæй 103 сты хæдтулгæ нозтджынæй чи тардта, кæнæ медицинон иртæстытæ скæнын кæй нæ бафæндыд, уыдон. Уагхалджытæн тас у хæдтулгæ тæрынæн бардæттæг гæххæттæй 2 азмæ куы фæцух уой, кæнæ административон ивар 30 мин сомæй. Дыккаг хатт закъоны сæрты чи ахызт æмæ та ногæй нозтджынæй кæй æрцахстой, уыдоны фæдыл байгом кодтой 14 уголовон хъуыддаджы. 122 адæймаджы фæивар кодтой æнæ сæрмагонд æвдисæндартæй хæдтулгæ кæй тардтой, уый фæдыл. Автоинспектортæ ма раиртæстой 67фæндаггон фæткхæлды, 725 уагхæлды та баст сты сывæллæттæ ласыны æгъдауимæ. Ивгъуыд къуыримæ республикæйы фæндæгтыл æрцыд 12 фæндаггон фыдбылызы,15 адæймаджы та дзы райстой цæфтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv