Майрæмададжы акци «Сад памяти»-йы фæлгæты ныссагътой æнгузы талатæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

Майрæмададжы абон æрымысыдысты, Суаргоммæ бахизæн цы хъæбатыртæ хъахъхъæдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, уыдоны нæмттæ. Акци «Сад памяти»-йы архайдтой скъоладзаутæ, бархионтæ æмæ активисттæ. Ныссагътой 550 талайы, Майрæмæдагæй хæстмæ цал адæймаджы ацыд, уымæ гæсгæ. Æппæтдунеон акци цæудзæн дарддæр дæр. Ныссадздзысты 27 милуан бæласы. Хæсты быдырæй чи нал сыздæхт, уыдоны кадæн. Бæлвырддæр хабæрттæ, нæ дарддæры æрмæджы. Кæд боныхъæд сæ хуыздæртæй нæ рауад, уæддæр Майрæмададжы æрæмбырд бирæ адæм. Иууылдæр сфæнд кодтой акцийы бацархайын æмæ талатæ ныссадзын. Алы бæлас дæр у кады нысан Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты номæн. Æдæппæтæй акцийы архайджытæ ныссагътой 550 бæласы. Уыйбæрц уыдысты, Суаргоммæ бацæуæн хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыцы бархионты батальоны салдæттæ. Ахæм хуызы хъæбатырты нæмттæ æрымысын сфæнд кодта Камбилеевкæйы скъолайы ахуырдзау Джиоты Аланæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын акцийы бацархайын уыд ахсджиаг хъуыддаг. Акцийы архайдтой Уæлахизы бархионтæ, скъоладзаутæ æмæ æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады активисттæ. Акцийы фæлгæты сæрды кæронмæ хъуамæ ныссадзой 45 мин бæласы. Тулдз, æнгуз æмæ липæ. Хуымæтæджы сæ нæ равзæрстой. Акци «Сад памяти» у æппæтдунеон. Снысан æй кодтой 2020 азы Уæрæсейы президенты уынаффæмæ гæсгæ. Цæгат Ирыстоны райдыдта Майрæмæдагæй. Уыцы бынатæй немыцаг фашистты æфсæдты асырдтой, æмæ дарддæр Цæгат Кавказæй дæр. Къуыримæ Уæрæсейы акцийы фæлгæты ныссагътой 700 мин бæласы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Майрæмададжы акци «Сад памяти»-йы фæлгæты ныссагътой æнгузы талатæ

Категория:

Новости и СМИ