Сергей Меняйло бабæрæг кодта куыстуат «СпецЭкоСервис»
Куыстуат «СпецЭкоСервис»-ы бæрны ис Дзæуджыхъæуы уынгты сыгъдæгзинад. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло федта, куыст куыд арæзт у, стæй куыстуаты техникон ифтонгады уавæр. Сæрмагонд техникæйы цæттæдзинад куыд бæрæг кæнынц, стæй шофырты мызд цас у. Уыцы фарстатыл регионы разамонæг Сергей Меняйло æрныхас кодта «СпецЭкоСервис»-ы кусджытимæ. Куыстуат бабæрæг кодта, цæмæй бæлвырддæр базона техникон ифтонгады уавæр, стæй, æмткæй райсгæйæ, куыст куыд арæзт у, уый фенынмæ. Сергей Меняйло фарста горæты уынгтæ куыд арæх æфснæйд цæуынц, уымӕй. Куыд рабæрæг, афтæмæй, куысты фæтк цы гæххæтæм гæсгæ аразынц, уыдон 2015 азæй абонмæ ноггонд нæ уыдысты. Уый та, Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ, куыстыл æвзæрырдæм ахады. Уымæн æмæ уæдæй абонмæ горæты арӕнтӕ зынгæ фæуæрæхдæр сты. Сергей Меняйло бахæс кодта Дзæуджыхъæуы администраци æмæ куыстуатæн иумæйагæй бакусын, цы уынгтæ, фæзтæ æмæ иннæ объекттæ æфснæйд цæуынц, уыдон паспорттыл. Уыимæ ма горæты санитарон сыгъдæгдзинады схемæйыл дæр. Гæххæтытæ фадат ратдзысты куыст æнтыстджындæрæй кæнын. Куыстуаты разамонæг Кодзырты Рустам ныфс бавæрдта, фарстайыл хæстæгдæр рæстæг кæй бакусдзысты. Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг федта æфснайæн техникæ дæр. Фæнысан кодта, сног кæнын сæ кæй хъæуы, уый. Хицауадæн бахæс кодта, Уæрæсейы арæзтады министрады æххуысæй льготæтæм гæсгæ хъуыддаг куыд саразæн ис, уый базонын. Дзæуджыхъæуы сыгъдæгдзинадмæ республикæйы хицауад 'здахы уæлдай æргом. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сергей Меняйло бабæрæг кодта куыстуат «СпецЭкоСервис»
Категория:
Новости и СМИ