Беслæны 1-æм скъолайы ахуырдзаутæ 3 боны арвыстой Мæскуыйы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Ног азы фæлладуадзæн бонтæ Беслæны скъолайы ахуырдзаутæ, æнæмæнг, бахъуыды кæндзысты. Æртæ боны Мæскуыйы уæвгæйӕ федтой рæсугъддæр бынæттæ æмæ райстой æгæрон æнкъарæнтæ. Ахуырадон экскурситæ сывæллæттæн систы хорз традици. Скъоладзаутæ æрыздæхтысты хæрз æрæджы, фæлæ ныридæгæн хъуыды кæнынц ног балцыл. Ахуырдзаутимæ фембæлд нæ уацхæссæг. Социалон хызæгты цы æрмæг равæрдтой ацы сабитæ, уый рауад цымыдисаг. Пушкины номыл нывкæнынады аивæдты музей. Третьяковы галерей æмæ Сырх фӕз. Аргъ скодтой зындгонд балет «Щелкунчик»-æн. Уæдæ, ирд æнкъарæнтимӕ рацыдысты «Дорога памяти» музейӕ дæр. Комплекс æвæрд æрцыд Уæрæсейы ифтонг тыхты Сæйраг Аргъуаны алыварс. Уырдæм хауынц аивадон мемориалон экспозицитæ æмæ равæрдтимæ залтæ. «Галерея памяти»-йы хæсты архайджыты милуан къамты 'хсæн скъоладзаутæ ссардтой сæ хæстæджыты. «Дорога памяти»-мæ сывæллæтты бахуыдтой Мæскуыйы офицерты æппæтадæмон ассоциаци «Мегапир»-ы хуынды фӕрцы. Балцы сывæллæттимæ ацыдысты сабиты ахуыргæнджытæ дæр. Ахæм экскурситӕ сабитæн систы традицион. Мæскуымæ ацыдысты алыхуызон кълæстæй ахуырдзаутæ. Æдæппæтæй 14 адæймаджы. Ныр та фæнд кæнынц, тагъд рæстæджы цы бынæттӕм æрбалц кæндзысты, уыдоныл ахъуыды кӕнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv