Мæздæджы æрцахстой, æнæзакъон хъæзтыты зал чи байгом кодта, уыцы фыдгæнджыты
Оперативон хъусынгæнинаджы фæдыл ацæугæйæ, транспортыл экономикон æдасдзинад æмæ гæртæмтты ныхмæ тохы Цæгат Кавказы федералон зылды Разамынды кусджытæ æрхæцыдысты, æнæзакъон Интернет-хъæзтытæ Мæздæджы чи байгом кодта, уыдоны рохтыл. Барадгæстæн æххуыс кодтой сæ Дзæуджыхъæуккаг æмкусджытæ æмæ Уæрæсейы гвардийы сæрмагонд службæты уæнгтæ. Æдæппæтæй æрцахсын бахъуыд къорд адæймаджы. Барадхъахъхъæнджытæ сæм «бафысым» кодтой хæрз æнæнхъæлæджы, закъонхалджытæ сæ тæккæ хъазыныл куы уыдысты, уæд. Уымæ гæсгæ сын сæ аххос бацамонынæн бирæ нæ бахъуыд. Пъæлицæйæгтæ хъæзтыты фæзæй рахастой 32 компьютеры. Сæ руаджы закъонхалджытæ Интернеты агуырдтой, æхца бакусын æнцонæй кæй фæндыд, ахæм адæймæгты. Фæлæ-иу арæхдæр сæхи æхцатæ дæр ма фыдгæнджыты хай баисты. Канд компьютертæ рахæссыныл нæ баззадысты. Лыстæгдæр куы `ркастысты барады кусджытæ, уæд ма закъонхалджытæм разынд хæцæнгарзы хуызтæ æмæ уыдонæн хъæугæ топпыхос. Развæлгъауы нымадмæ гæсгæ, сæ иумæйаг аргъ хæццæ кæны 5 милуан соммæ. Пъæлицæйæгтæ ахæм æнæзакъон «мулк» арвыстой эсперттæм, чи йæ æмбырд кодта, уыдоны та ныр бафхæрдзысты Уæрæсейы Уголовон кодексмæ гæсгæ. Цы фыдракæнд сарæзтой, уый тыххæй сæ бон у ахæстонмæ æхсæз азы онг бахауын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы æрцахстой, æнæзакъон хъæзтыты зал чи байгом кодта, уыцы фыдгæнджыты
Категория:
Новости и СМИ