Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты Хъолайы цъитийы амæттæгты
18 азы размæ Геналдоны комы ратыдта Хъолайы цъити. 2002-æм азы 20-æм сентябры цаутæ æрымысыдысты Цæгат Ирыстоны. Джызæлы цы монумент ис, уымæ адæм хастой дидинджытæ. Æрдзон фыдбылызы амæттæгтæ рох не сты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæй, парламенты æмæ хицауады уæнгтæй, министртæй. Сæ номыл цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Уымæй уæлдай ма, Хъолайы цъитийы бын чи фæци, уыдоны нæмттæ æрымысыдысты æхсæнадон организациты уæнгтæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ. Уыцы цауы фæмард 100 адæймагæй фылдæр, се*хсæн режиссер Сергей Бодровы киноисæн къорд æмæ бæхты театр «Нарт»-ы артисттæ. Цалдæр минутмæ Хъолайы цъити комы раивылд. Уыцы афон комы чи уыд, уыдон йæ быны фесты. Бирæ рæстæг ма хиуæттæ, бæргæ, агуырдтой сæ хæстæджыты æмæ зонгæты. Фæлæ дзы ссардтой æрмæст 19-ы. Ныртæккæ ахуыргæндтæ æрвылбон сæ цæст дарынц цъитимæ. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ дзы адæмæн тæс нæу. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты Хъолайы цъитийы амæттæгты
Категория:
Новости и СМИ