Технопарк «Кванториум» ы ахуырдзаутæ бахъахъхъæдтой сæ проекттæ
Технопарк «Кванториум»-ы ахуырдзаутæ бахъахъхъæдтой сæ проекттæ. Уыцы хæс у æнæмæг хъуыддаг. Ахуыры рæстæг сывæллæттæ саразынц роботтæ, бакусынц телеграмм-боттыл, бындур сæвæрынц алцæмæй дæр æххæст сайттæн. Гæмæонты Ермак йæ гыццылæй нырмæ уарзы хæдзары мидæг пайдайаг дзаумæттæ аразын. Ацы хъуыддаджы йæ фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ пайда кодта хуымæтæг конструктортæй, æмæ къухы цы ’фтыд, уыцы хуымæтæг æрмæджытæй. Фæлæ нæ республикæйы кванториум куы байгом ис, уæд бирæ нæ хъуыды кодта, райдыдта дзы дарддæр йæхиуыл кусын. Ныридæгæн йæ арæхстдзинæдты æмвæзад у бæрзонд. Бакуыста экологиимæ баст цалдæр ахсджиаг проектыл. Уæдæ лæппуйы йæ проект бахъахъхъæнын куы бахъуыд, уæд тынг нæ фæтыхст. Цы дзаумайыл бакуыста, уый хъæугæ æмæ пайда кæй у, ууыл дызæрдыг нæ кæны. Æнувыд ыл у. Проекттæ сты алыхуызон. Ис дзы роботтæ, мæлдзгуыты фермæтæ, телеграмм-боттæ æмæ алцæмæйдæр æххæст сæрмагонд сайттæ. «Кванториум»-ы ахуыргæнгæйæ ахæм хуызы проект бахъахъхъæнын у æнæмæнг хъуыддаг. Афтæмæй рæзы сæ фæлтæрддзинад, адæмы размæ сæ хъуыды рахæсгæйæ æмæ сæхи тыххæй дзургæйæ уыдзысты ныфсхастдæр. Ам сывæллæттæ дæттынц хъæугæ зонындзинæдтæ, фæкæсынц сæм проект банывыл кæнынæн сæ дарддæры куыст рацаразынмæ. Мадзалы кæронбæттæны проект бахъахъхъæныны хатдзæгтæ æмæ зондамонджыты амынддзинæдтæ хынцгæйæ, хуыздæртæн бар уыдзæн, биноныгдæрæй кæм ахуыр кæной, ахæм къордтæм раивын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Технопарк «Кванториум» ы ахуырдзаутæ бахъахъхъæдтой сæ проекттæ
Категория:
Новости и СМИ