Дашкъофы цæрджытæ сбæрæг кодтой Быхсон уæвыны бæрæгбон
Цæгат Ирыстон бирæнацион у. Нæ республикæйы цæры алы диныл хæст æмæ адæмы хатты минæвæрттæ. Иумæ куы æрбангом вæййынц, уæд бæрæгбон дæр руайы. Ацы хатт дæр афтæ. Дашкъофы цæрджытæ сбæрæг кодтой Быхсон уæвыны бон. Йæ нысан - кæрæдзийы нымайын æмæ хатыр кæнын. Æппæтадæмон быхсон уæвыны бонмæ Дашкъофы цæрджытæ сарæзтой рæсугъд бæрæгбон. Зарджытæ æмæ кæфтытæй срæсугъд кодтой абоны бон. Фынгты бæркад дæр дисы æфтыдта. Алы адæмыхæттыты хæринæгтæ: сомихаг долма, кæсгон хичин, ирон чъиритæ, гуырдзиаг хинкъалитæ. Хæрзад хæринæгтæ цæттæ кодтой уыцы тæккæ ран. Аргъ сын скодтой бæрæгбонмæ æрбацæуджытæ. Бирæты дзы бафæндыд сæхи къухæй скæнын алы адæмыхæттыты хуыздæр æмæ хæрзаддæр хæринæгтæ. Кæрæдзийы æмбарын, хатыр кæнын, рæдыдтыл сæттын. Æмбарын, адæм иухуызон кæй не сты, æмæ алкæмæн бар кæй ис, сæ æгъдæуттæ æмæ традицитæм гæсгæ цæрын æмæ хъуыды кæнын. Ахæм фадат ис Дашкъофы цæрджытæн. Ууыл дзурæг у абоны бæрæгбон. Абоны бæрæгбоны цы адæм æрæмбырд, уыдонæй иутæ райгуырдысты æмæ схъомыл сты ацы хъæуы. Иннæтæн та сæ царды фæндаг фæзылд ацы хъæумæ. Бынæттон цæрджытæн сæ хъыг дæр æмæ сæ цин дæр у иумæйаг. Æрбалидзæг адæм дæр стыр аргъ кæнынц ирон æгъдæуттæн. Бæрæгбонмæ саккаг кодтой уазджытæ. Се `хсæн республикæйы æмæ бынæттон хицауадты æмæ «Стыр ныхас»-ы минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны хæлардзинады хæдзары сæргълæууæг Кочиты Георгий кады гæххæттытæй схорзæхджын кодта, хъæуы цæрджытæй адæмыхæттыты хæлардзинадмæ зынгæ æвæрæн чи бахаста, уыдоны. Æппæтадæмон быхсон уæвыны бон бæрæг кæнынц алы хъæуты æмæ горæтты. Ныфс нæ ис, ацы бæрæгбоны кад бæрзонддæр кæй кæндзæн, уый. Цæгат Ирыстоны цы адæмыхæттытæ цæры, уыдон та кæдфæндыдæр уыдзысты иузæрдион æмæ ныфсджын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дашкъофы цæрджытæ сбæрæг кодтой Быхсон уæвыны бæрæгбон
Категория:
Новости и СМИ