Тымбыл стъолы фæлгæты æрдзырдтой куырттаты комы хъæу хæрисджыны рацарæзты тыххæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

Проект «Память сквозь века»-йы фæлгæты Президенты гранты фонды æххуысæй Дзæуджыхъæуы тымбыл стъолы уæлхъус æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны историон цыртдзæвæнтæ-рагон хъæуты бындурон цалцæггæнæн куыстыты тыххæй. Фембæлды фæлгæты уæлдай æргом аздæхтой Куырттаты комы рагон хъæу Хæрисджыны рацаразты фарстамæ. А фæстаг рæстæг ирон адæм уæлдай æргом здахын райдыдтой историон бынтæм æмæ сæ уавæрмæ. Уыимæ дзы кæцыдæртæм ныфс разыны ацы хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæнын дæр. Дзырдæн зæгъæм, Цæллагтæ æмæ Лазартæ базылдысты сæ мыггæгты кадыл дзурæг мæсгуытæм. Президенты гранты фонды æххуысæй нæ республикæйы Цгъойты мыггаджы хъæппæрисæй æххæстгонд цæуы проект «Память сквозь века», зæгъгæ. Йæ сæйраг нысан у рæзгæ фæлтæры æргом аздахын нæ культурон цыртдзæвæнтæм, цæмæй сæ хъхъхъæной, аргъ сын кæной. Афæдзы дæргъы ацы фембæлд у æртыккаг. Ныр дæр та бæстон æрдзырдтой, проект æххæстгæнгæйæ цавæр зындзинæдтæ сæвзæры уыдоны тыххæй. Фембæлды фæлгæты ныхас кодтой Куырттаты комы рагон хъæу Хæрисджыны рацарæзты тыххæй. Æрцыдысты иумæйаг хатдзæгмæ - ацы фарстайыл бакусын хъæуы канд архитекторты нæ, фæлæ ма археологтæ æмæ историкты, уыимæ мыггæгты минæвæрттимæ иумæ. Ныридæгæн уал къухы бафтыд рагон хъæуы историон фæлгонц эскизы хуызы равдисын. Рагон мæсыгмæ кæсгæйæ, адæймаг йæ хъуыдыты аныгъуылы æмæ фесты астæуккаг æнусты. Зæрдыл æрлæууынц нæ рагфыдæлтæ… Цæстытыл ауайынц ирон адæмы историон хæзнадоны æвдисæнтæ. Царды цалх зилы,мæсгуыты дзæвгарыл рæстæг фæтых заууат уавæрмæ æрцыдысты. Райсом цы уыдзæн,чи зоны. Уыдон куы нæ уал уой уæд нæ истори кæны лæмæгъдæр. Уымæ гæсгæ цардмæ нæ хъæуы иу боны цæстæй кæсын. Кæддæр зындгонд ахуыргонд Михаил Ломоносов загъта, «...йæ ивгъуыд цы адæм нæ зоны, уымæн фидæн дæр нæй...». Проектыл стыр хъомыладон хæстæ æвæрд ис -кæстæр фæлтæрмæ нæ истори сыгъдæгæй хæццæ кæнын. Цгъойты мыггаджы хъæппæрис æхсæнадон организацитæн у тынг зæрдæмæдзæугæ. Ирыстоны ис 2000 мыггаджы, уыдонæй 1000 мыггагæн уыд сæ кадыл дзурæг æвдисæнтæ- мæсгуытæ. Уыдон кæй хъæуы бахъахъхъæнын, ууыл дызæрдыг нæ кæнынц. Фидæны ацы хъуыддадæгæй сæ кæстæр фæлтæр кæй фæбузныг уыдзæн, уый бæлвырд у. Ирыстонæн йæ хæзна,йæ фидыц сты йæ кæмттæ, йæ адæм æмæ йæ æрдз, æмæ йæ цыртдзæвæнтæ. Сæ хъысмæт ис хуымæтæг адæмы къухты. Хъæуы сыл узæлын, хъæуы сæ хъахъхъæнын. Ацы проект та уымæн у стыр æххуыс. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv