Уæрæсейы раззагдæр онкологтæ æмæ эндокринологтæ фембæлдысты цæгатирыстойнаг дохтыртимæ
Уæрæсейы раззагдæр онкологтæ æмæ эндокринологтæн уыд цæгатирыстойнаг дохтыртимæ фембæлд. Ныхас кодтой уартæнгæс рæзынæджы фыднизыл. Радзырдтой сын йæ дзæбæх кæныны нырыккон фæрæзты тыххæй. Се `ргом аздæхтой низ рагацау рабæрæг кæныны мадзæлттæм, уыимæ низы диагностикæмæ. Мæскуыйæ сцыд 7 специалисты. Алчидæр сæ йæхи къабазы у дæсны дохтыр. Ис дзы, диагноз чи æвæры, ахæм цитологтæ, хирургтæ æмæ морфологтæ. Уымæй уæлдай ма æркастысты, цавæр оноклогон æмæ эндокринологон æххуыс цæуы рынчынтæм, уымæ. Цæгатирыстойнаг дохтырты архайдæн скодтой бæрзонд аргъ. Цæгатирыстойнаг дохтыртимæ рагæй æмгуыст кæнæм. Сæ архайд кæнынц бæрзонд æмвæзадыл. Семæ кусын у æнцон æмæ æхсызгон. Дзæбæх кæнын хъуыддаджы нæм уæлдай фарстатæ нал фæзыны. Онкологон æххуысы къабаз Цæгат Ирыстоны кæй рæзы уый сусæг нæу. Амæй размæ нæм фæзын ПЭТ КТ. Ææнæниздзинад хъахъхъæнын нацпроекты фæлгæты нæм фæзынд сæрмагонд техникæ. Уый фæрцы диагностикæ скæнæм афойнадыл, уыимæ диагноз сæвæрынæн æндæр хъæугæ мадзæлттæ дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы раззагдæр онкологтæ æмæ эндокринологтæ фембæлдысты цæгатирыстойнаг дохтыртимæ
Категория:
Новости и СМИ