Терчы цы нæлгоймаг фæдæлдон, уый агурынц 100 адæймагæй фылдæр
Терчы цы нæлгоймаг фæдæлдон, уый агурынц 100 адæймагæй фылдæр. Агурæн къордты нымæцыл бафтыд. Ныртæккæ бынаты кусынц 113 специалисты æмæ сæрмагонд техникæйы 8 иуæджы. Ирвæзынгæнджытæн æххуысмæ æрбафтыдысты бархионтæ. Æдæппæй 8 адæймаджы. Сгарæн-агурæн мадзæлттæ цæуынц куыд доны, афтæ Терчы былгæрæттыл дæр. Уæ зæрдыл уын жрлæууын кæндзыстæм, абон райсомы 7 сахатыл Æнæнхъæлæджы цауты управленимæ æрбацыд хъусынгæнинаг Мæзджыты *рдыгæй нæлгоймаг Терчы фæдæлдон. Чи йæ федта, уыцы адæм æм æххуысмæ батагъд кодтой, фæлæ йæ доны уылæнтæ ахастой. Нæлгоймаг чи у, уый бæрæг нæу. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Терчы цы нæлгоймаг фæдæлдон, уый агурынц 100 адæймагæй фылдæр
Категория:
Новости и СМИ