Арæнхъахъхъæнджыты хъусынгæнинаг
Коронавирус ма руадзыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы арæнтæ Уæллаг Ларс æмæ Дæллаг Зæрæмæджы пунктты рæстæгмæ æхгæд æрцæудзыcты. Уый тыххæй хъусын кæнынц барадхъахъхъæнджыты управленийæ. Сæрмагондæй Уæрæсейæ ацæуыны бар ис æрмæстддæр дипломаттæн, минæварады кусджытæн, æппæтадæмон организациты минæвæрттæн, фæсарæйнаг бæстæты цæрджытæн æмæ, йæ хæстæджы зианмæ фæсарæнмæ чи цæуы, уыдонæн. Уыимæ Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг хайад паддзахадон арæны сæрты уадзæн пунктты фæкарздæр кодта санитарон цæстдард. Дохтырты бон басæттын кæй нæу, уыцы коронавирусы ныхмæ бæстондæрæй кæнынц алы хуызы дезинфекци. Фæсарæнтæй чи цæуы, уыдоны æнæмæнг хъæуы хи 'гъдауæй 14 боны хæдзары фæбадын. Уагæвæрд æххæст чи нæ кæна, уыцы закъонхалæгмæ кæсы административон æмæ ма суанг уголовон æфхæрд. 8 (800) 301-20-68 - ахæм у æвæстиатон бастдзинады номыр нæ республикæйы. Кусы æхсæвæй-бонæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арæнхъахъхъæнджыты хъусынгæнинаг
Категория:
Новости и СМИ