Сергей Меняйло сарæзта сæрмагонд æмбырд
Республикæйы рынчындæтты ис 197 пациенты, 142 дзы сæхи дзæбæх кæнынц амбулаториты. 1809-мæ дзы уæлдай бæрнонæй кæсынц. Коронавирусы инфекцийы уавæры тыххæй сæрмагонд æмбырды радзырдта æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Годжыцаты Тамерлан. Сæдариуæг дзы кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Цæрджытæ иртæстытæ арæхдæр кæй дæттынц, уымæ гæсгæ низ дæр фылдæр адæммæ рабæрæг вæййы. Уыимæ ма адæмæй бирæтæ санитарон домæнтæ æмæ дохтырты амындзинæдтæ не 'ххæст кæнынц. Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгæ æххæстгæнæг бабар кодта, цæмæй сын уавæры тыххæй хъусынгæнинæгтæ растæй хæссой. Æмбырды ма æрдзырдтой льготæйы хуызы, хостæ кæмæн æмбæлы, уыдоны ифтонгады тыххæй. Уыимæ ма дæрддзæф хъæуты дæр. 2021-æм азæй фæстæмæ уыдонæй æрбацыд 21 курдиаты. Сæ фылдæр баст сты сæкæрниз, улæфæнтæ хъыгдард куы вæййынц æмæ онкологон рынтимæ. Алы курдиатмæ дæр æргом раздæхтой, хъæугæ хостæ сын радтой. Ныхас ма расайдта бæлæстæ 'рцæгъдыны хъуыддаг. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй кæрон скæнын хъæуы уыцы куыстмæ æбæрнон цæстæй кæсынæн. Хъуамæ сæ хъуыды зæгъой специалисттæ-дендрологтæ. Ахæм дæлæ-уæлæ куыстытæн уæлдайдæр бынат хъуамæ ма уа, паддзахады бæрны æмæ историон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы рæтты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сергей Меняйло сарæзта сæрмагонд æмбырд
Категория:
Новости и СМИ