Битарты Вячеслав сæрдариуæг кодта оперативон штабы æмбырды
Дзæуджыхъæуы уыд Оперативон штабы æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта Битарты Вячеслав. Ныхас кодтой эпидемиологон уавæрыл. Сæйрагдæр хъуыддаг у - регионы коронавирус парахат кæнын ма уадзын. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй профилон уагдæттæ хъуамæ бæстонæй æмгуыст кæной низ басæттыны тыххæй. Цæрджытæн дарддæр дæр æмбарын кæнын хъæуы низы тæссаг фæсиуджытæ. Уыимæ ма æхсæнадон бынæтты рейдтæ аразын. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Икъаты Мурат куыд фæнысан кодта, афтæмæй дзæбæхгæнæндоны дарддæр дæр бындуронæй цалцæг кæнынц соматикон корпус, аразынц поликлиникæ. Эксплуатацийы йæ ратдзысты ацы аз декабры. Уыимæ ма республикæйы æнтыстджынæй аразынц фылсырон-акушерон пункттæ, амбулаторитæ. Районты рынчындæтты сæйраг дохтыртæ фæнысан кодтой объектты уавæр æмæ сæ байгомы рæстæг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав сæрдариуæг кодта оперативон штабы æмбырды
Категория:
Новости и СМИ