Битарты Вячеслав фембæлд китайаг-уырыссаг базарадон палатæйы президент Юрий Носенкоимæ
Битарты Вячеслав фембæлд китайаг-уырыссаг базарадон палатæйы президент Юрий Носенкоимæ. Æмбырды ма архайдтой хъæууон-хæдзарады къабазы специалисттæ æмæ хицауады уæнгтæ. Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы разамынд архайы амалхъомады йæхи чи фæлвары, уыдонæн хъæугæ æххуыс кæныныл. Фембæлды ма æрдзырдтой регионы экологон æгъдауæй сыгъдæг холладжы кондадыл кæсагдарæн æмæ фосдарæн куыстуæттæн. Уый, Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, хорзырдæм сахаддзæн нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтыл. Уыимæ ма фæзындзæн куысты бынæттæ. Фæлварæны хуызы æмгуыстады бадзырдтæ бафыстой цалдæр инвесторы нæ регионы кæсагдарæн хадзарæдтимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд китайаг-уырыссаг базарадон палатæйы президент Юрий Носенкоимæ
Категория:
Новости и СМИ