Цӕгат Ирыстон коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн райста 26 милуан сомӕй фылдӕр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Цӕгат Ирыстон коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн райста 26 милуан сомӕй фылдӕр. Ӕхцайы фӕрӕзтӕ дихгонд ӕрцыдысты Президенты уӕлӕмхасӕн фондӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерлан. Куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй амбулаторон хуызы йӕхи чи дзӕбӕх кӕны, уыцы рынчынтӕн хостӕ дӕтдзысты. Иумӕйагӕй республикӕйы хостӕ фæг кæнынц 3 мӕйы онг. Медицинон уагдӕтты ис ӕппӕт хи хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ дӕр. Абоны онг республикӕйы рынчындӕттӕ кусынц пъланмӕ гӕсгӕ. Рынчынтӕн медицинон ӕххуыс кӕнынц афойнадыл. Уӕлдай уаргъ ӕвӕрд ис тагъд ӕххуысы кусджытыл. Уыимӕ ма, амбулаторон къабазыл дӕр. Уый фӕдыл къуылымпыдзинӕдтӕ куы фӕзыны, уӕд ӕвӕстиатӕй иуварсгонд ӕрцӕуынц. Эпидемиологон уавӕр кӕй февзӕрдӕр, уый тыххӕй фӕндон хаст ӕрцыд, цӕмӕй коронавирусы низӕй рынчынты ӕвӕрын райдайой буары венерологон диспансеры. Уыдзӕн дзы 360 бынаты. Уыцы рӕстӕгмӕ уал диспансер уыдзӕн ӕндӕр медицинон уагдоны, цӕуынц дзы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй дзы уа рынчынты дзӕбӕх кӕнынӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цӕгат Ирыстон коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн райста 26 милуан сомӕй фылдӕр

Категория:

Новости и СМИ