Журналистæн равдыстой завод «Победит»-ы æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæст кæнынц, уый

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Абон æгас дæр дунейы бæрæг кæнынц граждайнаг хъахъхъæнынады бон. Хуымæтæджы йæ 1-æм мартъийы не снысан кодтой. Граждайнаг хъахъхъæнынады æппæтадæмон уставимæ ацы бон сразы 18 паддзахады. Згъæрæй конд уæззау дуæрттæ æмæ бетонæй арæзт цар. Завод «Победит»-ы 8 цехы æмбæхсæнуат арæзтой бындуронæй. Ам ис æрдзон æмæ техногенон бæллæхтæй аирвæзын. Бамбæхсæн дзы ис хæдтæхджыты ракетæтæй дæр. Рæстæгмæ дзы ис цæрæн 600 адæймагæн. Уымæн ис арæзт æппæт æууæлтæ. Æдас уаттыл зæххы бын экскурси сарæзтой не сфæлдыстадон къордæн. Хицæн уаты дарынц нуазынæн дон, уæвгæ доны æвæрæнтæ сты уæлдай ахджиаг. Æмбæхсæнмæ ис цалдæр бацæуæны. Иуæй дзы рацæуæн ис заводы кæртмæ, иннæ цæуы уынгмæ. Цех куы ныккæла, уæддæр кусджытæн æддæмæ рахизын сæ бон уыдзæн æнæ къуылымпытæй. Ис дзы хойрæгты скълад дæр. Хæринæгтæ æппынæдзух фылдæр кæнынц æмæ ивынц. Сæйрагдæр хус хойраг, цай, æмæ фыццаджыдæр адæймаджы цы хойрæгтæ хъæуы уыдон. Хи бахъахъхъæныны фæрæзты цур зынгхуыссынгæнæнтæ, противогазтæ, радиаци барæнтæ æмæ афтæ дарддæр. Электрон тых арæдæм цæуы æнæкъуылымпытæй. Бастдзинады фæрцы адзурæн ис къæмандыгæнæн пунктæй. Алы дуар дæр ам уæз кæны дыууæ тоннæйы чысыл цухæй. Кæд æмбæхсæн хорз фидаргонд у, уæддæр дзы туаггуыр фаг кæны. 600 адæймагæн сæ бон уыдзæн сыгъдæг уæлдæфæй улæфын. Ахуыртæ цæуынц бæлвырд фæткмæ гæсгæ, алы æртæ мæйы. Æдæппæтæй «Победиты» ис 4 ахæм æмбæхсæны. Республикæйы цæрджыты 'хсæн граждайнаг хъахъхъæнынады популяризацийæн Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрад арæх фæаразы сæрмагонд ахуыртæ. Æдасдзина ды мадзæлттæм здахæм стыр æргом. 1 мартъийы дунейы бæрæг кæнынц граждайнаг хъахъхъæнынады бон. Æхсæнадон кусæндæтты ацæуынц сабырдзинад бахъахъхъæныны охыл акцитæ. Службæ та саразы ахуыртæ, æхсæнадæн радзуры хи бахъахъхъæныны мадзæлттыл æмæ сæ аиуварс кæныны хабæртты тыххæй. Ацы бон Уæрæсейы хорзæх кæнынц бæстæйы æдасдзинадмæ стыр æвæрæн чи хæссы, уыдоны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Журналистæн равдыстой завод «Победит»-ы æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæст кæнынц, уый

Категория:

Новости и СМИ