Цæгат Ирыстоны æфсæддон патриотон центры хъæппæрисæй ацыд «Национ куклаты» æркаст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Ныр цалдæр азы дæргъы нæ републикæйы æфсæддон-патриотон хъомылады центры хъæппæрисæй арæзт цæуы «Национ куклаты» æркаст. Ирыстоны цæрджытæ дзы тынг æхсызгонæй бацархайынц. Фенæн дзы вæййы куыд хицæн адæймæгты, афтæ къодты куыст дæр. Куклайы уд бауадзын æмæ дзы къухты хъарм бавæрын, цæмæй сывæллæтты зæрдæмæ дæр цæуой æмæ хистæрты дæр. Ахæм хæс æвæрд ис «Национ куклаты» аивадон æркасты архайджытыл. Конкурсмæ сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Жюрийы уæнгтæ - фæлтæрдджын æмæ дæсны æрмдæснытæ. Æрыгон æмæ курдиатджын, рæдау æмæ фæлтæрдджын хуыйæг Бырнацты Дианæ кусы Мичурины хъæуы скъолайы. Йæ дæсныдзинад не 'вгъау кæны скъоладзаутæн, æргом сын кæны национ кукла аразыны сусæгдзинæдтæ. Зæрдыл дары йæ нанайы фæдзæхстытæ: «Цы кусыс, уый хъуамæ уа зæрдæмæдзæугæ сывæллонæн дæр æмæ хистæртæн дæр». Ацы конкурсы архайы фыццаг хатт. Ацы аз конкурсы архайдтой 44 адæймаджы. Раздæрау сӕ ныр дæр сӕ кармӕ гӕсгӕ ӕртӕ къордыл адих кодтой. Бирæтæ æрмæст куклатæ нæ кодтой, фæлæ сын-иу æрхъуыды кодтой сæрмагонд сюжет дæр. Зæгъæм, 39-æм скъолайы аивадон къорд æркасты фæлгæты адæмы размæ рахастой хонгæ кафты сюжет. Мадзал аразджытæм фæзынд фидæнмæ хъуыдытæ дæр. Фæнды сæ ацы конкурс сыхаг республикæтыл дæр апарахат кæнын. Уымæн æмæ конкурсы хъомыладон нысан у æгæрон. Иумæйаг архайды фæрцы фидар кæнынц кæстæр æмæ хистæр кары адæмы 'хсæн ахастытæ. Конкурсы фæлгæты алы архайæджы куыстæн дæр скодтой аккаг аргъ. Хуыздæр куыстытæ равæрдзысты фидæны «Национ куклаты» равдысты. Зынгæ бынат æрцахсдзысты фæлтæрдджын æмæ дæсны æрмдæсныты куыстыты æхсæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны æфсæддон патриотон центры хъæппæрисæй ацыд «Национ куклаты» æркаст

Категория:

Новости и СМИ