Лескены байгом кодтой спортивон ног фæз

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

6 лет назад

Лескены байгом кодтой спортивон ног фæз. Дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн. Сарæзтой йæ сæрмагонд федералон программæмæ гæсгæ «Комфортная городская среда», зæгъгæ. Ныр сывæллæттæн ис æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй æниниз цардыуаг æххæст кæной. Фæзыл рацарæзтыл куыстой цалдæр мæйы. Сифтонг æй кодтой хъæугæ споривон кусæнгæрзтæй. Сæ хæрзхъæддзинадмæ сын æркаст нæ уацхæссæг. Бæлвырддæр радзурдзæн Пелиты Сабинæ. Лескены сывæллæттӕн спортивон-фæлладуадзæн бынат саразынмæ хъæуы цæрджытæ бирæ ӕнхъæлмæ кастысты. Ныр сыл ахæм хорзæх æрцыд. Сырх лент адих кæныны размæ уал арфæйы ныхæстæ ракодта Æрæфы районы сæргълæууæг Хидирты Батрадз. Кадджын бæрæгбонмæ сæмбæлдысты хъæуы цæрджытæ, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ, республикæйы æмæ районы разамынды уæнгтæ. Федералон программæ «Комфортная городская среда»-йы фæлгæты ныр сывæллæтты цинæн ам фæзынд хиирхæфсæн бынат. Ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм ранмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Объекты алфамблай сифтонг кодтой рухсдæттæн системæйæ æмæ бандæттæй. Уымæй уæлдай ма сæвæрдтой турниктæ дæр. Цæмæй сывæллæттæ æдасæй хъазой, уый тыххæй хъазæн фæзы бын байтыдтой резинæйæ конд ӕрмӕг. Районы разамынд куыстытæй разыйӕ баззад. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фæрцы цы проекттæ ӕххæстгонд цæуынц, уыдон рæстæгæй-рæстæгмæ кæнынц мониторинг. Зæгъæм, фарон Цыколайы фæсивæдæн сарæзтой егъау спортивон фæз. Ис дзы фадат архайын спорты алы хуызæй. Æрвылбон сæ спортивон цæттæдзинад фæхуыздæр кæнынмæ ӕрбацæуынц къордгай. Уæдæ барæсугъд кодтой Культурæйы хæдзары кæрт дӕр. Сног кодтой плиткæ, баивтой быру. Партийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, дарддæр дæр се 'ргом здахдзысты цæрджыты курдиæттæм. Ног проекттæ та æххстгонд цæудзысты. Пелиты Сабинæ, Игорь Войцеховский, Ахæм хабæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Лескены байгом кодтой спортивон ног фæз

Категория:

Новости и СМИ