Кæсагдарыны хæдзарады кондадыл фаронимæ абаргæйæ Цæгат Ирыстоны бафтыд 685 тоннæйы
Цæгат Ирыстоны 685 тоннæйы бафтыд кæсæгты хæдзарады базайраг кондадыл. Æдæппæтæй 2020 азы равдыстой 3 500 тоннæйы бæрц бæрæггæнæн. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министры фыццаг хæдивæг Мæрзойты Хъазыбег. Ныхасæн, дыууæ азы размæ дæр ма кондады бæрц уыд 340 тоннæйы. Республикæйы фылдæр кæны æхсыры кондады бæрц - 29 тоннæмæ ввахс. Уымæй уæлдай хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы маргъ æмæ стурвосы къабазы куыст. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кæсагдарыны хæдзарады кондадыл фаронимæ абаргæйæ Цæгат Ирыстоны бафтыд 685 тоннæйы
Категория:
Новости и СМИ