Мæздæджы районы скъолатæй иуы паддзахадон фæлварæн дæтгæйæ амард 16 аздзыд ахуырдзау
Мæздæджы районы прокуратурæ сбæлвырд кæндзæн, абон дзы цы æбуалгъ цау æрцыд, уый аххосæгтæ. Куыд зонут, афтæмæй районы скъолатæй иуы паддзахадон фæлварæн дæтгæйæ амард 16-аздзыд ахуырдзау. Йе `нæниздзинад цæхгæр куы февзæрдæр, уæд æй æвæстиатæй аскъæфтой рынчындонмæ. Фæлæ, хъыгагæн, удæгасæй дохтырты къухмæ нæ фæхæццæ. Ныр прокуратурæ хъуамæ раиртаса, ахæм æнамонд хабармæ цы хъуыддæгтæ расайдтой, уыдæттæ. Барады минæвæрттæ зæрдæ æвæрынц, куы `мбæла, уæд сын закъоны бындурыл аргъ кæй скæндзысты. Иртасæн куыстытæм районы прокурор йæ цæст дардзæн йæхæдæг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы районы скъолатæй иуы паддзахадон фæлварæн дæтгæйæ амард 16 аздзыд ахуырдзау
Категория:
Новости и СМИ