Нывкæнынады студийæн радтой Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Хъайтыхъты Георгийы ном

2 тыс. подписчиков

12+
12+

17 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

17 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

17 просмотров

4 года назад

Хæларзæрдæ, æнувыд, хатт тызмæг, фæлæ æцæг дæсны нывгæнæг. Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Хъайтыхъты Георгий схъомыл кодта нывгæнджыты цалдӕр фæлтæры. Нывкæнынады студийæн бындур сæвæрдта 1974 азы. Ныртæккæ студи хæссы йæ ном. Дæсныимæ фæрсæй - фæрстæм чи куыста, уыдон та йын абон дарддæр хæццæ кæнынц, цы хæзнатæ ныууагъта, уыдон. Академион ныв скæныны домæнтæ æххæстгæнгæйæ гæххæттыл сындæггай зыны сурæт. Абайты Давид æмæ Азæмæт сæхи цæттæ кæнынц Мæскуыйы архитектурон институтмæ. Фæлварæнтæ уыдзысты сæрды. Лæппутæ сабийæ фæстæмæ ныв кæнынц. Фæлæ нывкæнынады æрфытæ бæлвырд басгæрстой ам, студийы. Лæппутæн ныв кæныны сусæгдзинæдтæ æргом кодта зындгонд нывгæнæг — Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Хъайтыхъты Георгий. Уый йæ алы хъомылгæнинаджы зæрдæйы дæр гуырын кæны аивадмæ уарзондзинад. Хъайтыхъты Георгий нывкæнынады аивады студийæн бындур сæвæрдта 1974 азы. Студийæ рацыд бирæ зындгонд нывгæнджытӕ. Се 'хсæн Кучиты Аслан, Цæргæсты Олег, Тагъуызты Георгий, Туаты Темыр æмæ æндæртæ. Хъыгагæн, Хъайтыхъты Георгий ацы аз йæ цардæй ахицæн. Фæлæ бирæ азты дæргъы куыстӕй аивадмæ йе 'вæрæн бахаста. Йӕ фӕрцы цы традицитæ сæвзæрд, уыдон йæ хъомылгæнинæгтæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц. Нывкæнынады аивады студи ныр хæссы Хъайтыхъты Георгийы ном. Ныридæгæн дзы ахуыр кæнынц 10 адæймаджы. Амонынц сын Дзæуджыхъæуы аивæдты училищæйы ахуыргæнджытæ. Гæззаты Зæринæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv