«Молодёжка ОНФ» ы активисттæ бацархайдтой Æппæтуæрæсеон акцицы
«Молодежка ОНФ» 46 регионы сарæзта #ЗнайНаших акци. Фæнды сæ Токиойы Олимпиадæйы Уæрæсейæ цы спортсментæ архайдзæн, уыдоны фармæ балæууын. Хæдтæхджытæ, парашютисттæ æмæ уæлдæфон тымбылджытæ. Джызæлы аэродромы уыд цæмæ бакæса адæймаг, уый. Мадзал бабæрæг кодтой нæ уацхæсджытæ. Джызæлы аэродромы арвмæ суагътой стыр уæлдæфон тымбылæг. Йæ уæлæ паддзахадон тырыса æмæ #ЗнайНаших-ы баннер «Уæрæсе размæ». Тымбылæг суагътой «Молодёжка ОНФ»-ы регионалон активистты хъæппæрисæй. Афтæмæй архайын райдыдтой æппæтуæрæсеон акцийы. Мадзал фыццаг хатт ацыд Владивостокы. Йæ сæйраг хæс – нæ олимпаг иугонд командæйы фарсмæ æрбалæууын. Спортсменты номыл парашютисттæ рапæррæст кодтой Уæрæсейы æртæхуызонимæ. Акцимæ цæттæ кодтой рагæй æмæ бæстонæй. Фыццаджыдæр уал ссардтой уæрæсеаг триколоримæ тымбылæг, уый фæстæ нæ бæстæйы стыр тырыса – 10 метры дæргъæн. Баннер мыхуыры рауагътой æмæ йæ уый фæстæ аппаратыл ныффидар кодтой. Аэродромы тымбылæджы цъупп аивæзтой æмæ баннер чыргъæдмæ сæрмагонд карабинтæй ныффидар кодтой. Вентиляторы фæрцы тымбылæджы бауагътой уазал уææлдæф, 5 минуты фæстæ та стæвд кодтой. Уый фæстæ аппарат цъæх арвмæ суагътой. Акци «Знай наших»-ы кæронбæттæн фенæн уыдзæн видеоæрмæг. Олимпаг хъæзтытæ Токиойы ацæудзысты 23 июлæй 8 августы онг. Уæрæсейы номæй дзы архайдзæн 8 цæгатирыстойнаг минæвары. Сидахъаты Зауырбег, Найфонты Артур æмæ Козырты Сергей уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уæззау атлетикæйæ – Наниты Тимур, дзюдоисттæ – Хуыбецты Алан æмæ Таймазты Мæдинæ. Бæхылбаджыты спортæй Андрей Митин, теннисæй та Хъæрæцаты Аслан. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv