Цæгат Ирыстоны уардзæн тыхджын тæрккъæвдатæ
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон управленийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг Цæгат Ирыстоны, гæнæн ис, æмæ уардзæн тыхджын тæрккъæвдатæ. Æвзæр боныхъæд ахæсдзæн 2-æм июньмæ. Цæугæдæтты æмвæзад фæбæрзонддæр уыдзæн, тæссаг у сæ раивылынæй. Хæхты ранæй-рæтты рацæудзысты ламидæттæ. Тыхджын къæвдыты аххосæй фæфылдæр Терчы æмвæзад дæр.