Цæгат Ирыстоны дæрддзæф хъæуты дæр адæмæн фадат уыдзæн схъæлæс кæнынæн
Дæрддзæф цы хъæутæ сты уыдонæн дæр фадат уыдзæн Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл схъæлæс кæнын. Центрон æвзарæн къамисы куыд фехъусын кодтой афтæмæй районты байгом уыдзæн 16 сæрмагонд пункты. Хъæлæс дзы кæндзысты 21-æм июны. Рагагъоммæ хъæлæс кæныны æмгъуыд дæр сбæлвырд. Хæдзæртты лæугæйæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æвзæрстыты архайдзысты 25-æй 30-æм июнмæ. Уый тыххæй рагацау зæгъын хъæуы æвзарæн къамисы уæнгтæн, кæнæ бархионтæн. Хъæлæс кæныны процедурæ цæуы электрон хуызы дæр, бæлвырддæр та паддзахадон лæггæдты порталы. Порталы ис, кæм цæрыс уыцы æвзарæн хайад равзарын æмæ уым схъæлæс кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны дæрддзæф хъæуты дæр адæмæн фадат уыдзæн схъæлæс кæнынæн
Категория:
Новости и СМИ