Республикæйы хицауады уæнгтæ æрдзырдтой эпидемиологон уавæрыл Цæгат Ирыстоны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

Эпидемиологон уавæры фæстаг бæрæггæнæнтæ гыццыл раздæр фехъусын кодтой оперативон штабы æмбырды. Æхснырсæгæй рынчынты нымæц, эпидемиологон домæнтæм гæсгæ гæнæн цас ис, уымæй 88% фæфылдæр. Уыдоны ’хсæн коронавирусæй рынчын сывæллæтты нымæц зынгæ схызт. Ныртæккæ амбулаториты ковидæй дзæбæх кæнынц 542 сывæллоны. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны та — 63 пациенты. Сергей Меняйло фæсидт дзæбæхгæнæндоны 30 уæлæмхасæн бынаты бацæттæ кæнын. Ахуырад æмæ наукæйы министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй скъолайы агъоммæ ахуырады уагдæтты кусджытæй бирæтæ сты рынчын. Алыбегты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ, цæмæй сывæллæтты рæвдауæндæтты куыст ма фæкъуылымпы уа, уый тыххæй хъæуы æххуысмæ фæсидын профилон колледжы студенттæм. Æдæппæтæй тагъд æххуысы станцæмæ æххуысагур чи дзуры, уыдоны нымæц у 1100-мæ ввахс. Майрæнбонæй нырмæ сыл алы бон æфты 250. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй дохтыртæн æххуысы тыххæй Медицинон академийы бацæттæ кодтой 400 студенты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv