Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæтты командæты 'хсæн турнир футболæй ацыд Дзæуджыхъæуы
Футболæй турнир ацыд Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæтты 'хсæн. Сæ тыхтæ фæлвæрдтой 8 командæйы. Хæххон-металлургон, Дзæуджыхъæуы разамынды æмæ педагогон институттæ, стæй Финансон, Хæххон-аграрон университеттæ æмæ ЦИПУ. Турнир цыд дыууæ боны. Сарæзтой йæ проект «Футбольный парк - Университет»-ы фæлгæты. Ерысты финалы фембæлыдысты ЦИПУ-йы дыууæ командæйы. Уæлахиздзаутæ æмæ призерты схорзæхджын кодтой кубоктæ, кады гæххæттытæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæтты командæты 'хсæн турнир футболæй ацыд Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ