Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 63 адæймаджы
Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 63 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц у 7 215. Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 909 адæймаджы. Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны ис 646, COVID-мæ 18-æй, реанимацийы 56 адæймаджы, аппаратты фæрцы улæфынц 26-æй. Республикон клиникон рынчындоны ис 207 адæймаджы. Уыдонæй реанимацийы 21-æй. аппаратты фæрцы улæфынц 4-æй. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны ис 25 сывæллоны æмæ 11 хистæр кары адæймаджы. 10 сывæллоны æмæ 10 хистæрмæ рабæрæг кодтой коронавирус. Рахизфарсы районы дзæбæхгæнæндоны та ис 20 адæймаджы. Тæссаг низ дзы рабæрæг 4-мæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 63 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ