Сергей Меняйло раарфæ кодта Уырыссаг театрæн
150 азы размæ бындур æвæрд æрцыд Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театрæн. Кадджын боны фæдыл театрæн арфæ ракодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Цæгат Кавказы театр у культурæйы рагондæр бынат. Йæ истори баст у егъау сфæлдыстадон мадзæлттæ æмæ стыр курдиаты сценæйы дæснытимæ - режиссертæ, актертæ æмæ драматургтимæ. Театр зындгонд у йæ хъæздыг репертуарæй. 150 азы дæргъы Уырыссаг театры актертæ сæ курдиатæй æлхæнынц аивадуарзджыты зæрдæтæ. Æнтыстджынæй цæуынц гастрольты. Уæрæсейы иннæ горæтты цæрджыты зонгæ кæнынц дунейы драматургийы уацмыстимæ. У нымад æмæ уазæгуарзон. Ууыл дзурæг сты афæдзгæйтты репертуары цы спектакльтæ сты, уыдон. Сергей Меняйло театрæн ракодта арфæ, цæмæй сæ залтæ уой алкæддæр театрдзаутæй дзаг, æмæ профессионалон æнтыстдзинæдтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сергей Меняйло раарфæ кодта Уырыссаг театрæн
Категория:
Новости и СМИ