Курортон проекттæ «Мамысон» æмæ «Алания парк»-ыл Битарты Вячеслав ныхас кодта Гуыриаты Тамерланимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Гуыриаты Владимиримæ. Куысæг æмбырды рæстæг æрдзырдтой егъау инвестицион проектты арæзтадыл. Зæгъæм, «Алания Парк»-æн йæ фыццаг уазджытæ сæхи хъуамæ цæттæ кæной 2022-2023 азты зымæгмæ. Уыцы рæстæгмæ дзы фæзындзæн фысымуат, лæггæдтæгæнæн центр, ахуырадон къæдзæхтæ æмæ ма æндæр цымыдисаг хиирхæфсæнтæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Цæгат Кавказы Федералон зылды афæдзы æппæт афонты тематикон «Алания парк»-ы фыццаг къæпхæны арæзтад фæуыдзысты 2022 азы кæронмæ. Уыцы рæстæгмæ йæ хуыз хъуамæ скала Цæгæрсæр хохы цæгатварс дæр. Цы дзы сараздзысты, уый ныридæгæн бæрæг у. Æмбæлгæ гæххæттытæ майы арвитдзысты Паддзахадон сæйраг экспертизæмæ, уыйфæстæ дзы фæзындзæн бæлццæттæласæн ауындзгæ фæндаг дæр. Гуыриаты Владимир куыд фæнысан кодта, афтæмæй «Алания Парк»-æн йæ фыццаг уазджытæ сæхи хъуамæ цæттæ кæной 2022-2023 азты зымæгмæ. Уыцы рæстæгмæ дзы фæзындзæн фысымуат, лæггæдтæгæнæн центр, спортивон инвентарь хаццоны райсæн кæм уыдзæн, ахæм бынат, ахуырадон къæдзæхтæ, хæдтулгæтæн лæууæн бынæттæ æмæ ма æндæр хиирхæфсæнтæ дæр. Битарты Вячеслав æмæ Гуыриаты Владимир ма ныхас кодтой, туристон комплекс «Мамысон»-ы алфамблай цы объекттæ амайдзысты, ууыл дæр. Гуыриайы-фырт ацы хъуыддаджы у егъау инвестор. Фембæлды архайджыты ныхæстæм гæсгæ, проекты кæронмæ æххæстдзинадæн ахсджиаг у бæрнон кусджыты ахадгæ æмгуыст. Ныридæгæн уал кæрæдзийы æмбарынц. 2024 азы 4 квартАлмæ хъæуы саразын 774 æхсæвиуатгæнæн бынаты. Фæлæ инвесторы ныхæстæм гæсгæ, ауындзгæ фыццаг фæндаг сараздзысты 2023 азы 4 квартАлмæ. Уыцы рæстæгмæ курорты хъуамæ уа 200 æхсæвиуатгæнæн бынаты. Уый та уый нысан у, æмæ проект æмгъуыдæй раздæр скусдзæн. Абонмæ уал бæлвырд сты фысымуæтты миниуджытæ, сæ аразыны бынæттæ. Проектыл кусджытæ хынцынц куыд национ æууæлтæ, афтæ дунейы тæккæ раззагдæр домæнтæ дæр. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав хъуыддаджы уавæрæй баззад разыйæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Гуыриаты Владимирæн, Цæгат Ирыстоны егъау æмæ ахсджиаг проекттыл лæмбынæг æмæ зæрдæргъæвдæй кæй архайы, уый тыххæй. Гуыриаты Владимир фæнысан кодта, Цæгат Ирыстонмæ инвестортæ се `ргом фылдæр здахын кæй райдыдтой. Уый та хорзырдæм фæзынд амалхъомады къабазыл. Курорт «Мамысон» æмæ «Алания Парк»-ы объектты хъæдæй конд цы дзаумæттæ уыдзæн, уыдон уадздзысты куыстуат «Ирстоун»-ы. Уæвгæ та æппæт хæсты фыццаг къæпхæныл кусгæйæ, фæллой кæныныл бафтауæн уыдзæн 1 мин адæймаджы. Уыцы нымæц фæстæдæр уыдзæн 2 хатты фылдæр. Ныхас ма кодтой Куырттаты комы Куыртта æмæ Тæгайы рагон мæсгуытæ бахъахъхъæныныл дæр. Цæмæй сæ фыццаг хуыз ма фесафа, уый тыххæй кусын райдыдтой. Проектмæ гæсгæ ма бакусдзысты, мæсгуыты раз цы инфраструктурæ ис, уый райрæзтыл дæр. Фæнд дзы кæнынц фæлгæсæн бынат саразын, стæй дзы уыдзæн армукъа. Сæ продукци дзы уæй кæндзысты бынæттон фæллойгæнджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Курортон проекттæ «Мамысон» æмæ «Алания парк»-ыл Битарты Вячеслав ныхас кодта Гуыриаты Тамерланимæ

Категория:

Новости и СМИ