79 азы размæ фæцис Сталинграды тох. Цыди 200 боны
Уæрæсейы абон мысынц ахсджиаг бон: 79 азы размæ, 2 февралы, фæцис Сталинграды тох. Дунейы историйы уымæн æмбал нæй. Цыди 200 боны æмæ æхсæвы. Архайдта дзы бирæ адæм, уыдонимæ ирон фæсивæд дæр - 5 мин æфсæддонæй фылдæр. Тызмæг азты Сталинград хъахъхъæнджыты `хсæн уыди Плиты Иссæ дæр. Равдыста дзы йæ хъæбатырдзинад æмæ сси Советон Цæдисы хъæбатыр. Абон мысынц уый æмæ иннæ салдæтты рухс нæмттæ. Мамаев курган мемориалон комплексы ис дæсгай цыртдзæвæнтæ. Сæ иу у, йæ цард чи нӕ бавгъау кодта, уыцы ирыстойнаг салдатты номыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv