Мобилон «Кванториум» райдыдта кусын Алагиры районы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Мобилон «Кванториум» райдыдта кусын Алагиры районы. Сывæллæтимæ цымидисаг фембæлдтытæ аразынц Алагиры 2-аг скъолайы. Технопаркы ахуыргæнджытæ скъолайы ахуырдзаутæн скæнынц уроктæ, стæй та сæ уæлæмхасæн хуызы амонынц горæты иннæ скъоладзаутæн дæр. Æмткæй райсгæйæ, ахуыр кæнынц 120 адæймаджы. Мобилон кванториумы разамонæг Завен Хачатурян куыд радзырдта, афтæмæй Алагир сси дыккаг район, сæ фæндаг кæдæм акодтой, уыдонæй. Сывæллæттæ разы сты, ахæм фадат сын кæй фæзынд, уымæй. Се ’хсæн ис бирæ курдиатджын сабитæ, ацы уроктæ фидæны дæсныйад равзарынæн ахсджиаг кæмæн сты, ахæмтæ. Технопарк равæрдтой фыццаг Дыгуры районы. Алагиры та кусдзысты дыууæ къуырийы. Уый фæстæ сæ фæндаг акæндзысты Æрыдонмæ. Мобилон кванториумы ис 4 къабазы ахуыр кæныны гæнæнтæй - IT-технологитæ, промышленнон дизайн, робототехникæ æмæ хайтек. Ифтонггонд у 3D-принтертæ æмæ æндæр нырыккон гæрзтæй. Байгом æй кодтой национ проект «Ахуырад»-ы руаджы. Программæйы фæлгæты технопарктæ фæзынд Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы, нымæцон ахуырады центр «IT-куб», 59 хъæууон скъолаты та «Точка роста», зæгъгæ, центртæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мобилон «Кванториум» райдыдта кусын Алагиры районы

Категория:

Новости и СМИ