Цымытийы райдыдтой цалцæг кæнын Культурæйы хæдзар 100 бынатæн
Цымытийы райдыдтой цалцæг кæнын Культурæйы хæдзар 100 бынатæн. Ныридæгæн уал кусджытæ пъолтæ скалдтой æмæ сæ хуырæй сæмраст кодтой. Уыцы иу рæстæг ивынц хæдзарæн йæ сæр, нывыл кæнынц электрон тых æмæ хъармгæнæн системæтæ. Нырма ивдзысты рудзгуытæ, дуæрттæ, пъолтæ. Объект арæзт цæудзæн бындуронæй. Культурæйы зæронд хæдзарæй баззадысты æрмæст къултæ. Арæзт куы ‘рцыд, уæдæй фæстæмæ ахæм хуызы фыццаг хатт цæуы цалцæггонд. Ацы мадзал æххæстгонд цæуы национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты. Куыстытæ ахицæн уыдзысты ацы аз. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цымытийы райдыдтой цалцæг кæнын Культурæйы хæдзар 100 бынатæн
Категория:
Новости и СМИ