Цæгат Ирыстоны тæссаг у зынгсирвæзтытæй
Гидрометеорологи æмæ боныхъæды ивддзинæдты цæгатирыстойнаг центры хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы тыгъдбыдырты тæссаг у зынгсирвæзтытæй. 1-æй 3-æм июлы онг тæвд боныхъæды аххосæй нæ республикæйы хъæдты уавæрæн радтой зынгсирвæзтытæй тæссагдзинады 5-æм къæпхæн. Уымæ гæсгæ профилон министрады кусджытæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц, хъæдрæбынты æмæ хъæдты судзгæ `хсидæвтæ уадзæн кæй нæй, уый. Тамакойы дымæггæгтæ æмæ æндæр ахæм тæссаг хауæццæгтæ расайынц æрдзон фыдбылызтæм. Æнæнхъæлæджы цауты управленийы минæвæрттæ адæммæ сидынц, цæмæй уой къæрцхъусдæр. Исты фыдбылыз куы æцæуа, уæд хабар кæной сæрмагонд номыр 01-мæ, чырæ телефонæй «101» кæнæ «112» номыртæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны тæссаг у зынгсирвæзтытæй
Категория:
Новости и СМИ