Джызæлы поселок ГРП-йы цæрджыты доны хæтæлтæ æрвылбон тонынц
Джызæлы ГРП поселокы цæрджытæ хъаст кæнынц, дон сæм къуылымпытимæ кæй цæуы, уый тыххæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй, хъæуы иннæ уынгты хæтæлтæ раивтой. Зæрæдтæ та доны ног тых нæ уромынц. Хъæуы уынгтæ донæй байдзаг вæййынц æмæ хæтæлтæ цæрджытæн сæхи тыхтæй æмпъузинаг фæвæййынц. Сæ хъаст бахастой администрацимæ æмæ профилон куыстуатмæ, фæлæ сын бæлвырд дзуапп нæ радтой. Уавæр йæхи цæстытæй фенынмæ Горæтгæрон районмæ абалц кодта не `сфæлдыстадон къорд. Ахæм цъыф бынæттæ поселоччы кæртыты æмæ уынгты фæзынынц æрвылбон. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, Джызæлы ивынц дондзæуæн системæ. Поселок та проектмæ хаст не ’рцыд. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй нæдæр хъæуы, нæдæр районы бæрны сты. Афтæмæй та поселоччы хæтæлтыл 50 азæй фылдæр цæуы, æмæ донæн йæ тыхæй атонынц. Хæтæлтæ куы атонынц, уæд се сцалцæгæн бахъæуы иумæйаг къран æрæхгæнын. Æмæ уæд поселоччы æппæт цæрджытæ дæр баззайынц æнæ донæй. Сæ фарстаимæ адæм бацыдысты Архонкæйы бæрнон куыстуатмæ. Фæлæ, куыд зæгъынц, афтæмæй сæ курдиæттæм æргом æздæхт нæ цæуы. Архонкæйы водоканалы куыд зæгъынц, афтæмæй геологон поселоччы цæрджытæ, куыд абоненттæ, афтæ сты сæ бæрны. Фидарæй зæгъынц, адæмы курдиаттæм сæ цæст кæй дарынц, уый. Фæлæ цæрджыты сæхи тыхтæй цæмæн бахъæуы фæстиуджытæ иуварс кæнын, уый бæрæг нæу. Водоканалы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй республикæйы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадмæ бацæттæ кодтой хъæугæ гæххæтытæ, цæмæй поселоччы дондзæуæн системæ ивд æрцæуа. Хæтæлтæ куы рахай кæной, уæд куыстытæ баххæст кæндзысты. Владимир Хадарцев, врио групповые водопроводы Архонский: «Раздæр поселоччы хæтæлтæ уынджы уыдысты. Ныр адæм кæмдæр цæхæрадæттæ сарæзтой, кæм та саратæ. Уымæ гæсгæ сæ цæрджытæ къахын нæ уадзынц. Нæ бон цыдæриддæр у, уый бакæндзыстæм, цæмæй проект арæзт æрцæуа æмæ хæтæлтæ баивой. Поселоччы цæрджыты бон у кæддæриддæр сæ курдиаттæ уадзын. Не 'ргом сæм здахæм æмæ дарддæр дæр здахдзыстæм». Цалынмæ Джызæлы куыстытæ кæронмæ не ’рхæццæ уой, уæдмæ доны æлхъывдад фæкъаддæр кæныны фадат нæ уыдзæн. Проектмæ гæсгæ сæ æххæст кæндзысты 2 азы дæргъы. Джызæлы бынæттон администрацийы ныхæстæм гæсгæ, поселок ныртæккæ никæй бæрны ис. Цы организацимæ хауди, уый хъуамæ тагъд рæстæджы нымад æрцæуа банкротыл. Поселоччы цæрджыты риссаг фарста хъуамæ аиуварс кæной ацы азы кæронмæ. Уавæр раивдзæн æви нæ, уыма мах дæр нæ цæст дардзыстæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Джызæлы поселок ГРП-йы цæрджыты доны хæтæлтæ æрвылбон тонынц
Категория:
Новости и СМИ