Адæм бырæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уыцы бынæтты медицинон маскæтæ дарыны æнæмæнг фæтк
Адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уым æнæмæнгӕй дарын хъæудзæн маскæтæ. Ахæм уынаффæ рахаста Уæрæсейы сæйраг санитарон дохтыр, фæлхасгæнджытæм цæстдарды службæйы разамонæг Анна Попова. Хихъахъхъæнæн фæрæзтæй пайда кæнын хъæуы æхсæнадон транспорты, такситы æмæ лифтыты. Бардзырды куыд нысангонд ис, афтæмæй ахæм фæткæвæрд хъæуы адæмы хæцгæнизæй бахизынæн. Службæйы зæгъынц, адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уыцы бынæттæм хауынц горæтты æмæ хъæуты æхсæнадон бынæттæ, бæстыхæйтты иумæйаг пайдагӕнæн агъуыстытæ, ома уыцы иу рæстæг 50 адæймагæй фылдæр кæм ис, ахæм рæтты. Бардзырд йæ тыхы бацæудзæн райсом, 28-æм октябры. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Адæм бырæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уыцы бынæтты медицинон маскæтæ дарыны æнæмæнг фæтк
Категория:
Новости и СМИ