Цæгат Ирыстоны хойрæгты аргъ не схызт
Цæгат Ирыстоны хойрæгты аргъ не схызт. Ахæм хатдзæгмæ мониторингы фæстæ æрцыдсты республикæйы экономикон райрæзты министрады. Цæгат Кавказы статистикæйы службæйы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй цæрынæн фыццаджыдæр хъæугæ хойрæгтыл æгæртыхст уавæр нæй. Республикæйы бахъуыдмæ æвæрд хойрæгтæ ис 40 боны æмгъуыдмæ. Уыимæ ма сыл æппынæдзух æфты. Дефицитæй тас нæу. Æргъты уавæрмæ дзуапдæттæг министрады лæмбынæг кæсынц. Уымæй уæлдай ма регионы æххæстгонд цæуы æргътæ ма бæрзонд кæныны фæдыл сæрмагонд бадзырд. Регионы экономикон райрæзты министрад æй хойрæгты куыстуæттимæ бафыста 2021-æм азы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv